Хъæугæ æххуыс
Тускъаты Таймураз цæгатирыстойнаг хъæдгæстæн радта 14 ног хæдтулгæйы. Кадджын уавæры сын балæвар кодтой дæгъæлтæ. Мадзалы архайдтой республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен. Ног нивæтæ райстой 7 профилон куыстуаты. Уыдон рацæудзысты басгæрстыты. Кæсдзысты хъæды æдасдзинадмæ. Хæдтулгæты дæгъæлтæ радтой «Экология», зæгъгæ программæйы фæлгæты. Республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермены ныхæстæм гæсгæ ахæм мадзæлттæ сты хъæугæ æмæ ахсджиаг. Уымæн æмæ Уæрæсейы хъæдты зынгсирвæзтæй тæссаг у. Уымæй уæлдай ма æрдз хъахъхъæнын хъæуы браконьертæй. Æнæзакъонæй бæлæстæ чи калы, уыдонимæ тох кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм хъæды хæдзарады кусæджы бонмæ Æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрад радта 8 ног хæдтулгæйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæугæ æххуыс
Категория:
Новости и СМИ