Табеккаты Чермен æмæ Кцойты Таймуразæн 27-æм скъолайы байгом кодтой номарæн фæйнæг

Лæгдзинад æмæ намысы дæнцæгтæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы æфсæддонтæн Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы байгом кодтой номарæн фæйнæг. Скъолайы рауагъдонтæ Табеккаты Чермен æмæ Кцойты Таймураз операцийы бынатмæ ацыдысты 2022-æм азы. 26 аздзыд Табеккаты Черменыл сæрмагонд хæс æххæст кæнгæйæ, схæцыд минæ. Президенты Указмæ гæсгæ, рæнхъон хорзæхгонд æрцыд «Лæгдзинады орден»-æй йæ амæлæты фæстæ. Бархион Кцойты Таймуразæн та кæд йе 'нæниздзинад хъыгдæрд уыд, уæддæр службæ кодта батальон «Сæрмæт»-ы. Тохы бынаты уыд раззагдæрты 'хсæн. Лæгдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд Жуковы майданæй йæ амæлæты фæстæ. 47 аздзыд хъæбатыр ныббырсты рæстæг йæхицæй бамбæхста йæ æфсæддон хæлары. Хъайтарты нæмттæ ссардтой минут æдзæмæй алæугæйæ. Мадзалы архайдтой æфсæддонты хæстæджытæ, Адæмты хæлардзинады хæдзар æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды регионалон хайады минæвæрттæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 454 подписчика
12+
17 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии