Ахуырады ногдзинæдтæ
Уæрæсейы Конституцимæ гæсгæ алы адæймагæн дæр бар ис йæ сывæллоны рæвдауæндонмæ кæнæ скъоламæ радтынæн. Растдæр зæгъгæйæ та, паддзахад хъуамæ сараза уымæн æппæт гæнæнтæ æмæ фадæттæ. Фæлæ фæстаг азты нæ бæстæйы арæх сæхгæнынц скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Иуæй-иу рæтты та сæ баиу кæнынц. Ома, скъола æмæ рæвдауæндон нымад æрцæуынц иу кусæндоныл. Вæййы афтæ дæр, æмæ канд юридикон æгъдауæй нæ, фæлæ ма сæ бæстыхай дæр иу свæййы. Уыцы уавæр фылдæр хауы хъæутæм. Куыд ахады уыцы хъуыддаг сывæллæттыл. Иу ран скъола æмæ рæвдауæндон куы кусой, уæд уыцы хъуыддаджы хорзæй цы ис? Стæй дзы цы ис æвзæрæй та? Уæдæ цавæр цæстæнгас ис уыцы хъуыддагмæ хъæуты цæрджытæм æмæ ахуыргæнджытæм, уый цыппæрæмы раиртасдзысты нæ программæ «Комæй-коммæ»-йы аразджытæ. Амоны йæ, куыд зонут, афтæмæй ме `мкусæг Гуыбаты Людæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахуырады ногдзинæдтæ
Категория:
Новости и СМИ