Мигъты ныхмæ
Ныртæккæ кæй тыххæй рахабар кæндзыстæм, уыцы адæмы та мигътæ сфæйлауынæн бирæ нæ хъæуы. Сæрмагонд хæцæнгарз аифтындзынц æмæ боныхъæд куыддæр бартхъирæн кæны, афтæ йæм зæххæй бавзидынц. Технологитæ кæд ног не сты, уæддæр кусынц, куыд æмбæлы, афтæ. Ацы мæй уал ныридæгæн сæхстой дыууæ хатты, тыллæг аирвæзт. Чи æмæ куыд архайы ууыл, уый - нæ уацхæсджыты `рмæджы. Андрей Попов кусынмæ æрбацæуы, иннæтæ сæ куыст куы фæвæййынц уæд. Изæры 5 сахатыл йæ бынат бацахсы. Уæдмæ арвыл мигътæ æмбырд кæнын райдайынц. Специалист сæ хъуамæ сбæлвырд кæна æмæ цы фæстиуджытæм расайой, уыдон рагацау аиуварс кæна. Кусын хъæуы рæвдз æмæ тагъд. Цалдæр минуты йеддæмæ сын нæй. Сæйраг штабæй арвитынц хъусынгæнинаг хæстæгдæр цы станцæ лæууы, уымæ, æмæ хъуамæ мигътæ æрбасатæр кæной. Штабы хсæвæй бонæй рад хæссынц кусджытæ, æдæппæтæй сты 85 адæймаджы. Сæрмагонд станцæтæ та сты 15, нæ республикæйы 7 районы. Станцæтæ кæрæдзимæ æмгуыст кæнынц. Уæлдæфы бæрæггæнæнтæ кæрæдзиимæ сбæлвырд кæнынц. Хъæууон хæдзарады министрады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, ацы службæ кусы куыд æмбæлы, афтæ. Технолгитыл кæд 40 азы фылдæр цæуы, уæддæр кусынц раст. Аппараттæ ног уыдысты Советон Цæдисы. Кусджыты ныхæстæм гæсгæ, ныр дæр ма ахадгæ сты. Æнæуи та технологитæ ацы дæсныйады нæ ивынц. Æнæхъæн бæстæйы мигъты ныхмæ ракетæтæ йеддæмæ ницы схос кодтой нырма. Уыцы хъуыддаджы та йæхи хъæндзинæдтæ ис. Зæгъгæм, хъæуты сæрмæ ахæм ракетæтæ хсæн нæй. Афтæмæй уый расайы тыхджын тæрккъæвдатæм. Иннæ хъæндзинад та - ракетæт сты зынаргъ. Цыфæнды рæстæг дæр мигътæхсæг станцæтæ сæ цæст дарынц боныхъæды ивддзинæдтæм. Афтæмæй йæ зæрдæ кæмæн фæхъæбæр уа, уымæн йæ цæссыгтæ æркалын кæндзысты. ЛАЙФ радиосвязь _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мигъты ныхмæ
Категория:
Новости и СМИ