Æнтысджын рауайæд
Райсом райдайдзæн иумæйаг паддзахадон фæлварæн рагацау раттыны бонтæ. Ахæсдзæн 11 апрелмæ. Уый тыххæй дзырдтой сæрмагонд æмбырды дæр. Архайдтой дзы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Сергей Кравцов æмæ ахуырад æмæ наукæмæ цæстдарды службæйы разамонæг Музайты Анзор, стæй муниципалон скондты разамонджытæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн рагацау раттынæн байгом кодтой дыууæ пункты – информациимæ кусыны центры æмæ скъола-интернаты. Ифтонггонд сты æфсæйнаг иртасджытæй. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон ахуырмæ раззагдæртæй иу уыд. Фæлæ ныртæккæ афтæ зæгъын йæ бон нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнтысджын рауайæд
Категория:
Новости и СМИ