Синоптиктæ радзырдтой ввахс бонты боныхъæды тыххæй
Сæрд йæ тæмæны нæма бацыд, афтæмæй адæм æнтæф бонтæй тыхсынц. Нæ республикæйы ивгъуыд къуыри рауад уæлдай тæвд. Тæвдбарæны бæрæггæнæн 28 градусæй дæлдæр не `рхызт. Уæдæ абон дæр дымгæйы рог уыддзæф нæ банкъардтам. Уæлдай тынгдæр ахæм боныхъæд фæхъыгдары зæрдæйы низтæ кæмæ ис уыдоны æмæ карджын адæмы. Хъыгагæн æвзæр фæстиуджытæм дæр расайы. Дохтыртæ адæммæ сидынц цæмæй тæвд бон фылдæр нуазой дон, хуры бынмæ бирæ рæстæг ма æрвитой. Хæстæгдæр бонты нæм цавæр боныхъæд æнхъæлмæ кæсы уый баззыдтам Цæгат Ирыстоны Гидрометцентры кусджытæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Синоптиктæ радзырдтой ввахс бонты боныхъæды тыххæй
Категория:
Новости и СМИ