Адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Цæгат Ирыстоны Уалыты Эльбрус абон сбæрæг кодта административон барадхæл
Адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Цæгат Ирыстоны Уалыты Эльбрус абон сбæрæг кодта административон барадхæлдтыты кæй аххос кæнынц, ахæм адæмы цы уавæрты дарынц, уый. Йемæ уыди Ирыстоны районы прокуроры æххуысгæнæг Хъæстуаты Алан. Федтой, цавæр уавæры сты камерæтæ æмæ боны фæтк куыд цæуы, уый. Ныхас ма кодтой, фыдракæнд сарæзты кæй аххосджын кæнынц, уыцы адæймæгтимæ дæр. Мадзалы фæлгæты сæрмагонд цæстдард аздæхтой медицинон лæггады фарстамæ. Уалыты Эльбрус æрфарста, хостæ фаг сты æви нæ, уымæй. Сбæлвырд кодта, фыццаг медицинон æххуыс бакæнынæн æппæт фадæттæ ис бæстыхайы, æви нæ? Дзырдтой хæринаджы фарстатыл дæр. Ахæм мадзалы фæрцы нысангонд куыд æрцыд, афтæ рæстæгмæ кæдæм бакæнынц, ахæм изоляторы уагæврдтæ домæнтæн дзуапп дæттынц. Афтæ, æрвылбон скæнынц камерæты дезинфекци, хæрын сын кæнынц бон 3 хатт. Уыимæ сыгъдæг уæлдæфы дæр баулæфынц. Бæстыхайы ма ис, кæй æрцахстой, уыцы адæймаг хиуæттимæ кæм аныхас кæна, ахæм агъуыст дæр. Пъæлицæйы куыст дæр банымадтой хæрзхъæдыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Цæгат Ирыстоны Уалыты Эльбрус абон сбæрæг кодта административон барадхæл
Категория:
Новости и СМИ