Эпидемы нæу!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Социалон хуызæг WhatsApp-,ы апарахат хъусынгæнинаг , ома дам сабитæй бирæтæ гуыбыннизæй фæрынчын сты, зæгъгæ. Ныййарджытæ тæрсынц, кæд æпидеми у, зæгъгæ уыймæй. Ацы хъусынгæнинаг кæрæдзимæ æрвитынц. Не `сфæлдыстадон къорд сфæнд кодта хаба бæлвырддæр базонын, æмæ араст рынчындонмæ. Дæттæм сын ныхасы бар. Ацы аудиохъусынгæнинаг цалдæр боны размæ социалон хызæгты апарахат. Мадæлтæ сæ сабитыл тыхсынц. Бирæтæ хъæддыхæй дзурынц, ома, дам, Цæгат Ирыстоны гуыбынниз сарæх. Кæцæй фæзынд, уый нæ бон сбæрæг кæнын нæ бацис. Фæлæ информаци раст у æви нæ, уый базонынæн хæцгæ низты хайад бабæрæг кодтам. Рынчындоны нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй гуыбынниз сарæх, фæлæ дзы эпидеми рауад, зæгъгæ, уый хахуыртæ у. Хæмæтаты Эмилия æнахъом сывæллæтты тъæнгты инфекциты дыккæгæм хайады сæргълæууæг. Сабитæм фылдæр хатт гуыбынниз ныййарджыты аххосæй фæзыны. Кæм сын дыргътæ æнæхсадæй авæрынц, кæм та сыл уæлдай цинтæ фæкæнынц. Лæмæгъ иммунитетимæ сывæллæттыл инфекци фæтых вæййы. Ныртæккæ эпидемийæ тас нæу. Фæлæ йæ не `мбарын, ныртæккæйы ныййарджытæ сыгъдæгдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй куыд хъуамæ кæсой. Адæмы суанг сæ къухтæ арæх æхсын кæй хъæуы, уый дæр сæ ферох ис. Сывæллæттæн нæ хъæуы тагъд цæттæгонд хæринæгтæ дæттын, стæй газæмхæццæ дон. Аллергийæмæ чи расайа, ахæм продукттæ дæр хъуамæ мадæлтæ къаддæр æлхæной. Лæмбынæг кæсын хъæуы, хæринаг ма бæззы æви нæ, уымæ. Зынæй дзы ницы ис, фæлæ уæддæр къæрттæй цъула ничи `ппары. Хъесаты Теонæ. Йæ гуыбын тынг рыстис, омдта. Абон æртыккаг бон стæм рынчындоны. Хъæугæ хостæ нын кæнынц. Афтæ мæм кæсы, æмæ къалбасы тыххæй фæрынчын стæм. Сывæллоны иммунитет схъæддых вæййы фондз азмæ. Уымæ гæсгæ уæлдай цæстард хъуамæ ноггуырд сабитæм уа. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй адæм хъуамæ бирæггæйттæй ма `мбырд кæной. Ноггуырд сывæллæттыл дæр уæдæ уæлдай цинтæ кæнын нæ хъæуы. Малиты Артур сывæллæтты рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг: «Гуыбыннизæй рынчынты нымæц фæфылдæр, фæлæ йæ мæ бон эпидемы схонын нæу. Иутæн сæ уавæр чысыл æвзæрдæр у, уæлæмхасæн миниуджытæ ма кæй бафтыд сæ низыл, уый тыххæй. Сæ уыргты куыст, зæгъæм, фæцауддæр. Арæх нæ вæййы уый æмæ сывæллæтты æвæгæсæгæй уадзæн нæй». Ныййарджытæ афоныл сывæллæты дохтырмæ кæй нæ бакæнынц, кæнæ сæ сæхæдæг кæй райдайынц дзæбæх кæнын, уымæ гæсгæ низ уæззау фæстиуджытæм расайы. Бæрæггæнæнтæ йæ ирдæй æвдисынц. Кæд æмæ раздæр Азты гемодиализ 2 сывæллонæй фылдæр никæмæн хъуыд кæнын, уæд ацы аз та уыцы мадзалы сæр 10 сывæллоны бахъуыд. Дохтыртæ ма радон хатт мадæлтæм сидынц, цæмæй сæ цоты рынчындоны фæндагмæ ма кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Эпидемы нæу!

Категория:

Новости и СМИ