Социалон пенситыл 1-æм апрелæй бафтдзæн 3,3%
1-æм апрелæй социалон пенситæ уæлæмхасæн фæфылдæр уыдзысты. Афтæмæй, фароны индексациимæ пенситыл бафтдзæн 13 % фылдæр. Уый хорзырдæм фæзындзæн 4 милуан адæймагыл. Фæллойы министрады æмбарын кæнынц пенситыл бафтауынц афæдз иу-хатт, фæлæ бæрзонд инфляцийы аххосæй уынаффæ рахастой фиддонтыл къæпхæнгай æфтауын. Æргътæ хæрдмæ куыд цæуынц афтæ паддзахад дæр фæнд кæны социалон æфтиæгтыл схæцын. Июны 2022 азы индексаци уыд 10%, апрелы ацы аз ма пенситыл бафтдзæн 3,3%.