18 азы размæ Беслæны 1-æм скъолайы Æлбегаты Зæринæ фесæфта йæ хо Зæлинæйы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

37 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

37 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

37 просмотров

4 года назад

2004-æм азы сæ уарзон скъолайы къæсæрæй бакъахдзæф кодтой Æлбегаты хотæ Зæринæ æмæ Зæлинæ дæр. Фæлæ, æбуалгъ цаутæ басастой цардхъæлдзæг сабиты фæндтæ. Кæстæр хойæн скъолайæ нал бантыст рацæуын. Фæлæ денджызы былæй цы къаммæ æнхъæлмæ каст чысыл Зæлинæ, уый ныр æнустæм баззад «Зæдты сахар»-ы, йæ цыртдзæвæныл... Уыцы цаутæ сты иуыл карздæр кинонывтæй сценæты хуызæн, зæгъы йæ хистæр хо Зæринæ. Уæд, 1-æм сентябры агъоммæ, уыдта æвзæр фынтæ, дзыллæты хъизæмæрттæ, æхстытæ. Цæмæй зыдта чызг, йæ фынтæ ахæм зианмæ кæй расайдзысты. Æппынæдзух кæрæдзийы фарсмæ, хицæнтæй фæразгæ дæр нæ кодтой. Кæрæдзийæн кæддæриддæр - ныфс. Сæ ныййарджытæ сын нæмттæ дæр радтой æмхуызон, Зæринæ æмæ Зæлинæ. Рацыдис 18 азы, фæлæ фыдбоны спортивон залмæ абон дæр бакъахдзæфгæнгæйæ, цымæ ногæй аныгъуылы уыцы хъиаймæты. Фæлæ чысыл Зæлинæйæн нал бантыст йæ ныййарæг мадæн ахъæбыс кæнын. Стырæй, чысылæй —хæцæнгарзты бынмæ бадтысты æнтæф залы æмæ бæллыдысты доны иу хуыпмæ. Уæдмæ сыл тугмондаг террористтæ ауыгътой рæмудзæн æрмæджытæ. Террористæ нæ уагътой нæ дæр стын, нæ дæр ныхас кæнын. Зæринæ мысы, куыд архайдта йæ хойы хъахъхъæныныл, нæ йæ уагъта чысыл дæр иуварс цæуын. Фæлæ йæм нæ байхъуыста Зæлинæ. Уый уыдис хотæн сæ фæстаг кæрæдзийы уынд. Зæринæ ма архайдта йе ссарыныл. Уырныдта йæ. Адæмы цæсгæмтты ’хсæн агуыртæ йæ уарзон хойы. Æртыккæгæм сентябрь. Фыццаг срæмыгъд. Зæринæ ма хъуыды кæны, куыд ахауд. Дыккаг срæмыгъды фæстæ та йыл цар куыд æркалд, уый. Баххуыс ын кодтой сæ бынæй фезмæлын. Фæстаг тыхтæй ма бахæццæ рудзынгмæ. Ныртæккæ Зæринæйыл цæуы 29 азы. Йæхæдæг хъомыл кæны чызг. Фæлæ абоны онг дæр æнкъары йæ хо Зæлинæимæ бастдзинад. Йæ хъæлæс, йæ мидбылхудт æмæ бакаст. Калоты Дзерассæ

, чтобы оставлять комментарии