Чи хуыздæр?
Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтуæрæсеон турнир хъæбысхæстæй, рамбулдзысты дзы Олимпаг чемпион Андиаты Сосланы лæвæрттæ. Ахæм турнир арæзт æрцыд 40-æм хатт. Архайынц дзы 354 спортсмены, уыдонæй 200 сты Цæгат Ирыстонæй. Ерыстæ цæудзысты 2 боны. Мадзалмæ саккаг кодтой бирæ кадджын уазджытæ. Турниры фыццаг бон ирон богал Токаты Зауыр рамбылдта сызгъæрин майдан. Уый ацы турниры ссис уæлахиздзау дыккаг хатт. Ерысты æппæты уæззаудæр уæзы чи рацыд размæ, уымæн саккаг кæндзысты хæдтулгæ. Андиаты Сослан дæр хæцыд æппæты уæзаудæр уæзы. Уымæй уæлдай ма уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты æхцайы фæрæзтæй дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи хуыздæр?
Категория:
Новости и СМИ