РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Кировы районы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав радон хатт фембæлд Кировы районы цæрджытимæ. Сæ фарстатимæ Кæрдзыны хъæуы культурæйы хæдзармæ рбацыдысты Кæрдзыны æмæ Хъахъхъæдуры цæрджытæ. Фæндæгты уавæр, æхсæнадон транспорты кадавардзинад - райхалинаг хъуыддæгтæ сты. Уымæй уæлдай ма, цавæр фæрстытæ тыхсын кæнынц бынæттон цæрджыты æмæ сæм куыд æвкæсдзысты бæрнон кусджытæ. Алы районы, алы хъæуы цæрджытæм дæр ис сæхи риссаг фарстатæ. Уыдон базонын æмæ сбæрæг кæныны тыххæй нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав аразы фембæлдтытæ районы цæрджытимæ. Кæрдзыны культурæйы хæдзары къах бавæрæн дæр нæ уыд. Сæргьлæууæгмæ фÆрстатæ раттынмæ æрбацыдысты Хъахъхъæдуры цæрджытæ дæр. Радон фембæлды архайдтой Кировы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Нæкуысаты Барис æмæ Цæгат Ирыстоны министрадты минæвæрдтæ. Адæммæ разынд бирæ фарстатæ. Сæ ахсджиагдæртæй иу - культурæйы галуанты æвзæр уавæр. Бирæ фæрстытæ æрбацæуджытæ радтой - фæсивæдæн уавæртæ кæй нæй, уый тыххæй дæр. Рæзгæ фæлтæры бæргæ фæнды исты спорты хуызты кæнæ аивадон къордты архайын, фæлæ уымæн фадат нæй. Ахсджиаг хъуыддаг ам дæр - зæххыты фарста. Кæрдзыны алыварс цы угæрдæнтæ ис, уыдон хъæуы цæрджыты бæрны не сты. Кэрдзыны цæрджытæ разы не сты сæ фæндæгтæ æвзæр уавæры кæй сты уымæй. Уымæй уæлдай ма дзы рухсдæттæн системæ дæр нæй. Бирæтæ æрбацыдысты хи фарстатимæ. Битарты Вячеслав бабар кодта цæмæй ацы хъуыддагмæ ргом раздахын. Æмбырды кæронбæттæн Республикæйы сæргълæууæг хаттдзæг скодта радон æмбырдæн. Адæмы цы хъуыддæгтæ тыхсын кæнынц уыдонмæ министрадты уæнгтæ бæстонæй æркæсдзысты. Кировы районы цæрджытæ бузныг сты нæ республикæйы сæргълæууæгæй ахæм хуызы адæмимæ кæй æмбæлы уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Кировы районы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ