Барад æмæ хахуыртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

Цалдæр боны размæ Алагиры районæй Чехойты бинонтæ бахъаст кодтой прокуратурæмæ, сæ лæппуйы сын пъæлицæйæгтæ фæнадтой, зæгъгæ. Республикæйы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков уайтагъд бардзырд радта, цæмæй уыцы хъусынгæнинаджы рæстдзинад сбæрæг кæной. Уæдмæ хабар апарахат социалон хызты, адæм знæтæй райдыдтой барады кусджыты ныхмæ æртхъирæн кæнын. Фæлæ абон уыцы цау æнæнхъæлæджы адарддæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъуыддаг бынтон хуымæтæг нæу. Цавæр, уый та ныртæккæ базондзыстут. Къамыл зыны цæфы фæд. Ацы æвдисæнимæ лæппуйы ныййарджытæ бахъаст кодтой мидхъуыддæгты министрады кусджытыл. Фæлæ йæ кадртæм гæсгæ базонæн нæй, æцæг у æви мæнг. Уыцы хæс уыд лабораторийыл. Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков бардзырд радта хъуыддаг сбæлвырд кæнын, раиртасын æй æмæ рæстдзинад сбæрæг кæнын. Алагирмæ ацыд министрады æдасдзинады службæйы къорд. Йæ уæнгтæ фембæлдысты, цаумæ исты бар чи дардта, уыдонæй се `ппæтимæ дæр - пъæлицæйы кусджытæ, дохтыртæ, лæппу йæхæдæг æмæ йæ ныййарджытæ. Се `ппæты дæр сбæрæг кодтой полиграфыл. Æркастысты видеокамерæйыл фыст æрмæджытæм. Сæрмагонд къорды уæнгтæ куыд раиртæстой, афтæмæй лæппуйæ иунæг хъаст дæр нæ уыд, цалынмæ пъæлицæйы хайады уыдис, уæдмæ. Куы йæ рауагътой, уæд йæ фæндаг акодта Алагиры рынчындоныл. Хъаст кодта йæ астæу, риуыгуыдыр æмæ йæ зæвæттæ кæй риссынц, уымæй. Дохтыртæ йæм æркастысты, лæууыйы астæуыл, æцæгæйдæр, уыд цæфы стыр фæд. Дарддæр - царциаты диссæгтæ! Сона Тувакова, Алагиры районы рынчындоны хирург: «Нæ кусæнуатмæ йæ бакодтам, йæ дзаумæттæ йын раласын кодтам æмæ дзы зынд цæфы фæд. Уыд йæ фæсонтыл, галиуырдыгæй, астæумæ хæстæг. Бæстондæр æм куы æркастыстæм, уæд ыл гыццыл фæгуырысхо стæм. Уыдтæн мæ терапевтимæ æмæ дзы ракурдтон, цæмæй бæмбæг донгуыры туагæй ныххуылыдз кæна æмæ йын йæ цæфмæ базилæм, зæгъгæ. Фæлæ йæ куыддæр æрсæрфтам, афтæ фæд цыдæр фæци. Бæмбæгыл та ахорæны фæд баззад». Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд къорд цы æрмæджытæ æрæмбырд кодта, уыдон ратдзысты слестгæнæн оргæнтæн. Кæд æмæ уыдон мидхъуыддæгты министрады кусджыты аххосджынтыл банымайой, уæд баййафдзысты карз æфхæрд, байгом сыл кæндзысты уголовон хъуыддаг. Кæд æмæ лæппуйыл хахуыртæ ныффыссынæй æмæ пъæлицæйæгты æнаххосæй азымы дарынæй фæгуырысхо уой, уæд Чехойы-фырт йæхи сарæзта. Байгом ыл кæндзысты уголовон хъуыддаг æмæ дзы хорзæй ницы смæрздзæн. Зыхъуаты Жаннæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Барад æмæ хахуыртæ

Категория:

Новости и СМИ