Республикæйы клиникон рынчындоны - быцæу

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

12 просмотров

9 лет назад

Республикон клиникон рынчындоны та змæнтынц. Дохтырты ныхас кæрæдзийыл нæ бады. Уый пайда нæу сæ куыстæн дæр. Администраци фæнд кæны дыууæ хайады баиу кæнын. Хайадты къæрттæй цъула не `ппарынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй рынчынты дзæбæх кæныныл уавæр нæ фæбæрæг уыдзæн. Афтæмæй рынчындоны куыст къахыр кæны. Цавæр райхалинаг фарстатæ ма ис рынчындоны, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Урологийы хайады рынчынты нырыккон домæнтæм гæсгæ дзæбæх кæнын. Низтæ афойнадыл иртасын æмæ диагностикæ кæнын. Эндоскоптæй кусын дохтыры къух фæрогдæр кодта, хорзырдæм сыл фæзынд. Раздæримæ абаргæйæ рынчынты къаддæр ракæрд-бакæрд кæнын бахъæуы. Цæгат Ирыстоны афтæ куыстой 27 азы. Уыргты дуртæ дæрддзæгмæ мур кæныны рентген цæфон-уылæнон хайад байгом кодтой 1991 азы æмæ уайтагъд сси нæ бæстæйы хуыздæртæй иу. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ медицинон аппараттæ æмæ кусæнгæрзтæ дæр базæронд сты. Ногтæй та сын зæрдæ ничи æвæрдта. Дохтыртæн сæ бон, куыд æмбæлы, афтæ кусын нал уыд. Кæд-иу раздæр афæдзмæ 400 операцийы кодтой, уæд ныр иу скæнын дæр сæ бон нæу. Йæ уыргты дуртæ ныммур кæнын кæмæн хъæуы, уыцы рынчынтæн ныр æххуыс кæнынц Беслæны медицинон центры. Дзыллон информацийы фæрæзты хъустыл æрхæцыд, хайад, дам, æхгæнгæ кæнынц, зæгъгæ. Чи рахаста ахæм уынаффæ, уый бæрæг нæу. Ивгъуыд азы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов уый фæдыл загъта: Рынчындоны разамонæг уынаффæ рахаста дыууæ хайады баиу кæнын. Иу дзы у стационар - рынчынтæ кæм хуыссынц, уый. Иннæ та - эндоурологон хайад, адæмы кæм дзæбæх кæндзысты, уый. Цы дзæбæхгæнæн аппарат дзы ис, уый 12 азы нæ кусы. Цæгат Кавказы бирæвæрсыг медицинон центры куыст та нывыл у, процедурæтæ дзы фæкæнынц иу ран. Фæлæ клиникон рынчындоны хайад дæр кусдзæн тыхст рынчынтимæ. Ныртæккæ уал амынд хайады сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæг у Тебиаты Анатолий. Йæ ныхæстæм гæсгæ, рынчындоны администраци æмæ профилон министрадимæ кæрæдзийы кæй не `мбарынц, уый тыххæй фæныхмæ сты. Фарон хайад мæскуыйаг фирмæйæн хаццоны радтынывæнд скодтой, уый сæм фæкаст рейдерты ныббырстау. Барадхъахъхъæнджытæм, дам, куы бадзырдтам, уæд фарста лыггонд æрцыд. Тебиайы-фырт куыд зæгъы, афтæмæй кусджыты хсæн дæр змæстытæ уæд райдыдтой. Кæм хардзы æрмæджытæ раст фæткмæ гæсгæ не `лхæдтой, кæм, дам, разамынд документаци раст хуызы нæ цæттæ кодта, æмæ афтæ дарддæр. Куыдфæстæмæ сæ куыст баурæдтой. 40 рынчыны та æнхъæлмæ кæсгæйæ баззадысты сæ операцитæм. Тебиаты Анатолий, хайады сæргълæууæг: «Нæ сæйраг зындзинад - кусджытæ æмæ рынчындоны разамынды `хсæн кæрæдзийы æмбарынад банывыл кæнын. Кæмæдæр куыст ивын кæсы хорз, фадæттæ цыбыр кæнын, хайад хаццоны дæттын, æмæ уый раст нæу. Йæхимæ уыцы бæрнондзинад чи цæмæн хъуамæ райса, кæд æмæ иттæг хорз кусы хайад.» Клиникон рынчындоны сæйраг дохтырмæ та æндæр хъуыды ис. Куыд зæгъы, афтæмæй сæм 2016 азы хардзгæнæн æрмæджытимæ фæзынд къуылымпыдзинæдтæ. Фаг сын нал кодта æмæ администрацимæ курдиат балæвæрдтой хъæугæ медицинон ифтонггæрзтæ балхæнынæн. Фæнысан ма кодта уый, æмæ ивгъуыд азы цалдæр хатты курдиат кæй бахастой, фæлæ, дам, афтæ дæр дзуапп нæ райстам. Ноябры кæрон сæ хъæндзинæдтæ разындысты. Моргуаты Аслæнбег, рынчындоны сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæг: «Фидæны нæ фæнды хайад рацаразын æмæ дыууæ хайады баиу кæнын. Уый куыстыл, æнæмæнг, хуыздæрырдæм фæзындзæн. Бардзырдимæ сæ рагацау базонгæ кæндзыстæм, 2 мæйы раздæр. Уый фæстæ профессионалон домæнтæн дзуапп чи дæтта, уый суыдзæн разамонæг.» Куыдфæнды уæд, фæлæ уал республикон клиникон рынчындонмæ адæймаг куы `рбахауы, уæд æвæгæсæгæй нæ баззайы. Операци скæнын кæмæн бахъæуы, уыдонæн æй скæнынц. Ома, иунæг адæймаджы дæр фæстæмæ нæ аздахынц. Уый, æвæццæгæн, сæйрагдæр у, дохтыртæ цалынмæ кæрæдзийы хъуын-хъис хæрынц, уæдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Республикæйы клиникон рынчындоны - быцæу

Категория:

Новости и СМИ