Дзанайты Барис сарæзта хъæппæристæй нысангонд бюджеты проектты конкурсон къамисы æмбырд
Дзанайты Барис сарæзта хъæппæристæй нысангонд бюджеты проектты конкурсон къамисы æмбырд
Цæгат Ирыстоны æххæст кæндзысты муниципалон скондты æхсæнадон инфраструктурон рацарæзты 4 проекты. Ахæм уынаффæ рахастой Республикон конкурсон къамисы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ацы аз къамисмæ æрвыст æрцыд 9 инвестицион проекты, уыдонæй 4 фарон ацыдысты æркаст. Сæ сæххæст кæнынмæ республикон бюджеты нысангонд æрцыд 15 млн сомы. Уыдоны 'хсæн - Алагиры районы Дзуарыхъæуы тезгъогæнæн бынат, фæлладуадзæн бынат æмæ мини-футболæй хъазæн фæз Кировы районы Комсомольское хъæуы, стæй физкультурон-дзæбæхгæнæн фæзтæ Беслæны 6-æм скъолайы кæрты. Цы фæрæзтæ ма дзы баззайа, уыдон та арвитдзысты Ольгинскæйы спортивон фæзы рацарæзтæн. Проекттæ сты Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы, стæй Физкультурæ æмæ спорты министрадты бæрны. Куыстытæ сæххæст кæндзысты ацы аз. Æппæт программæты архайыны ахсджиагдзинадыл дзуры республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняло дæр. Дзанайты Барис ма иу хатт районты разамонджытæн бафæдзæхста, ацы куыстыл архайын.