Бæстон цæстдард
Тускъаты Таймураз та радон хатт æркаст, республикæйы цы ахсджиаг объекттæ арæзт цæуынц, уыдонмæ. Æппæты фыццаг йæ фæндаг акодта тарниз дзæбæхгæнæн диспансЕрмæ. Ам куыстытæ иу бон дæр нæ лæууынц. Хицауады сæрдар республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратмановимæ федтой фыццаг корпус. Уыдзæн дзы цалдæр хайады, се хсæн сывæллæттæн дæр. Ныртæккæ дзы цæуынц къултæ аивгæнæн куыстытæ. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, уæззау рынчын сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты корпустæм æмткæй райсгæйæ, цæттæ сты. Аразджытæ 400 адæймаджы сты. Куыстытæ цæуынц бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Объект хъуамæ сцæттæ уа афæдзы кæронмæ. Фæстæдæр Тускъаты Таймураз ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис бабæрæг кодтой ахуырады объекттæ. Æркастысты 280 бынатæн рæвдауæндон куыд арæзт цæуы, уымæ. Конд уыдзæн 5 нырыккон корпусæй, скодтой дзы бассейн дæр. Пъланмæ гæсгæ, куыстытæ февралы фæуыдзысты. Фæлæ аразджыты зæрдæ бавæрдтой афæдзы кæронмæ кæй сцæттæ уыдзæн, уымæй. Кæронмæ фæхæццæ кæны 12-æм микрорайоны ног скъолайы арæзтад дæр. Ахуыр кæныны фадат дзы уыдзæн 500 сывæллонæн. Ныртæккæ кусынц бæстыхайы дыккаг уæладзыгыл. Бавнæлдтой æртыккаг уæладзыг амайынмæ. Скъолайы иумæйаг фæзуат у 6,5 мин квадратон метры. Тускъаты Таймураз ма æркаст Мичурины æмæ Мустыздæхы скъолаты арæзтадмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бæстон цæстдард
Категория:
Новости и СМИ