Ирон театры сывæллæтты студи ныр 2 аз æнтысджынæй кусы
Сценæйæ театрдзауы, æнæмæнг, фæнды фехъусын бæлвырд, æнцонæмбарæн ныхас. Актер та кæд саби у нырма, уæддæр алы мырмæ дæр хъуамæ йе 'взаг таса. Ууыл сывæллæттимæ кусы Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæ, Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Мелыкаты Замирæ. Саби-артисттæ йын йæ ахуыртæ нæ цух кæнынц. Мелыкаты Замирæ Ирон театры сценæйыл ирд фæлгонцтæ аразы ныр 45 азы бæрц, ахуырады къабазы та фæллой кæны 35 азæй фылдæр. Абон мадæлон æвзагыл сыгъдæг æмæ æнæ къуылымпытæй цы сабитæ дзурынц, уыдонæй бирæтæ, ардæм æрбацæугæйæ, иронау æмбаргæ дæр нæ кодтой. Дзулаты Самирæ, Ирон театры скъола-студи ис, уый куы базыдта, уæд йæ ныййарджытæн балæгъстæ кодта, цæмæй йæ ардæм æрбакæной. Ирон театры сценæмæ дæр рахизынц, фæлгонцтæ дæр раргом кæнынц. Æрæджы, фæлтæрдджын актертимæ иумæ, ахъазыдысты "Паддзах Лир" æмæ "Ричард III". Суанг ма сæ кинонывмæ дæр фæхуыдтой. Сывæллæттæ, æцæг артисттау, рæвдз сты куыд кафт æмæ зардмæ, афтæ актеры дæсныйад æмæ сценикон архайдмæ дæр. Уый сын амоны Æгкацаты Аминæ. Уæдæ хистæр къордимæ та куыст цæуы театралон уæлдæр ахуырадон уагдæтты фыццагкурсонты программæмæ гæсгæ. Ардæм къуыри æртæ хатты цæуы 30 сывæллонæй фылдæр, сæ кар — 7-æй 17 азы онг. Аивады бæрзæндтæм сæ хонынц 6 дæсны педагогы. Студийы сæйраг хæс у — рæзгæ фæлтæрæн ирон аивад æмæ мадæлон æвзаг бауарзын кæнын. Æмæ ам цы сывæллæттæ ис, уыдонмæ кæсгæйæ, адæймаджы фидарæй уырны, не 'взагæн фесæфынæй тас кæй нæу.