Мæздæджы районы фæндæгтæн æхцайы фæрæзтæ 5 хатты фæфылдæр кодтой.

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Мæздæджы районы фæндæгтæ цалцæггæнæн куыстытæн æхцайы фæрæзтæ 5 хатты фæфылдæр кодтой. Нæ республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариелы ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстайыл бынæттон цæрджытæ хъаст рагæй кодтой. Ныртæккæ сæ размæ æвæрынц хæс, фæндæгтæ æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ саразын. Уый тыххæй алы аз ацы хъуыддагæн æрвыст цæудзысты уæлæмхасæн фæрæзтæ. Хатдзæгтæм гæсгæ, кæд æмæ ацы куыстытæн Мæздæджы районы бахъæуа 40 милуан сомы, уæд ын рахай кæндзысты 200 милуан сомы. Комитеты куыд хъусын кæнынц, афтæмæй проекты фæлгæты «Коммуникации между центрами экономического роста», зæгъгæ, бацæттæ кодтой проектон-сметон гæххæттытæ Дзæуджыхъæуы Мæздæджы районимæ цы фæндаг бæтты, уый цалцæг кæнынæн. Йæ дæргъ у 101 километры.  Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ фæндагыл кусын райдыдтой 17-æм июлы. Куыстытæ хъуамæ кæронмæ фæуой иннæ аз, декабрмæ. Фæндагмæ базилынæн рахай кодтой 2 миллиард сомы. Уыдонæй 100 милуаны бæрц - федералон бюджетæй. Иннæ фæрæзтæ та - республикæйы бюджетæй. Фæндаджы дæргъ уыдзæн 57 километры. Цæудзæн Бæтæхъо, Хурыхъæу æмæ Малгобекы уылты. Ног фæндагыл сæвæрдзысты хæрзхъæд асфальт æмæ бетонæй уæлцъар. Фæндаггон змæлд ыл цæудзæн дыууæрдæм. Уый руаджы Дзæуджыхъæуæй - Мæздæгмæ фæндагыл цыд уыдзæн 40-50 минуты цыбырдæр. Куыстытæ æххæстгæнæн компанийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, фæндаг сараздзысты афойнадыл. Стæй сæ хæрзхъæддзинад дæр дызæрдыккаг нæ уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæздæджы районы фæндæгтæн æхцайы фæрæзтæ 5 хатты фæфылдæр кодтой.

Категория:

Новости и СМИ