Пъæлицæйæгтæ æрцахстой давæджы
Дзæуджыхъæуы рабæрæг кодтой адæмы хæдзæрттæй зынаргъ дзауматæ давæг сылгоймаджы. Бавдæлд-иу, æмæ-иу бирæфатерон хæдзæрттыл зилын райдыдта. Йæ дуар цы фатерæн æхгæд нæ уыд, уый-иу рафистæг кодта. Иу фатерæй радавта 11 мин сомы аргъ æвзист рæхыс, иннæмæй та - 10 мин æмæ 800 сомы. Сæ хæдзармæ сын бабырыдысты, уый цæрджытæ куы базыдтой, уæд æвæстиатæй фехъусын кодтой бынæттон пъæлицæйы управленимæ. Нæ республикæйы уголовон агуырды управленийы кусджыты дæсныдзинады руаджы фыдгæнæджы рохтыл цыбыр рæстæгмæ æрхæцыдысты. Оперативон мадзæлтты фæрцы куыд рабæрæг, афтæмæй давæг сылгоймаг цæры Дзæуджыхъæуы, цæуы йыл 45 азы. Басгæрстыты рæстæг давд дзауматæ сылгоймагмæ ссардтой. Слестгæнæн управленийы йын йæ ныхмæ байгом кодтой цалдæр уголовон хъуыддаджы. Ныртæккæ сылгоймаг у ахст. Гæнæн ис, æмæ ахæстоны дæр сбаддзæн, уымæн æмæ йæ ахæм фыдмитæ кæнгæ фыццаг хатт нæ рацъипп кодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъæлицæйæгтæ æрцахстой давæджы
Категория:
Новости и СМИ