Цæгат Кавказы æфсæддонтæ бавнæлдтой быдырон ахуыртæм
Цæгат Кавказы æфсæддонтæ бавнæлдтой быдырон ахуыртæм. Æххæст кæнынц алыхуызон хæслæвæрдтæ. Дыууæ мин æфсæддонæй фылдæр сгарæг дæлхайæдты æмæ 58-æм иумæйаг æфсæддон армийы службæгæнджытæ æрбынат кодтой Цæгат Кавказы æмæ Фæскавказы. Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ бавнæлдтой æхстыты æмæ тактикон цæттæдзинады хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ. Цæуынц Тарскæйы полигонты. Ахуырты рæстæг æфсæддонтæ арæхсдзысты, цы хæслæвæрдтæ сын уа, уыдон æнцонæй æххæст кæнын. Уымæй уæлдай ма, алыхуызон хæцæнгæрзтæй æхсын дæр сæ бон уыдзæн. Хæслæвæрдты кæронбæттæны сгарджытæ скæндзысты сæрмагонд тактикон ахуыртæ æнæпилотон хæдтæхæг аппараттыл. Мадзалы ис 300 æфсæддон техникæйæ фылдæр, уыимæ, бронетранспортертæ БТР-82А, згъæрджын машинæтæ "Тигр", "Тайфун" æмæ КамАз "Мустанг". Уыимæ ма, Хуссар æфсæддон зылды сгарджытæ фæнд кæнынц Цæгат Кавказы бæрзæндтæм схизын. Æртæ боны дæргъы сгарджытæ сæ арæхстдзинад æвдисдзысты Цæгат Ирыстоны хæххон полигон Дайраны. Сгарæн къордтæ раиртасдзысты районтæ, хохы цъупмæ схизыны бæрзæнд 3 метры кæмæн уа, ахæмтæ. Сгарæн-агурæн мадзæлтты рæстæг æфсæддонтæ сæххæст кæндзысты сæ хæстæ. Уыимæ ма æппæт цæлхдурты сæрты хиздзысты, йæ уæз 30 кг кæмæн у, ахæм сæрмагонд экипировкæты руаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Кавказы æфсæддонтæ бавнæлдтой быдырон ахуыртæм
Категория:
Новости и СМИ