Ирвæзынгæнджытæ ссардтой зæйы бын чи фесты, уыдонæй фæндзæймаг æфсæддоны
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ирвæзынгæнджытæ ссардтой зæйы бын чи фесты, уыдонæй фæндзæймаг æфсæддоны. Уый тыххæй хъусын кæны «Рес». Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, дыццæджы 5 уæрæсейаг æфсæддоны фесты зæйы бын Транскамы порталы хуссар фарс. 16 сахатæй нырмæ Транскам хæдтулгæтæн у гом. Уый тыххæй фехъусын кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгатирыстойнаг управленийы. Фæлæ, куыд бафтыдтой, афтæмæй 2 мин бæрзæнды тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv