Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ райсом альпинистты вертолетыл раласдзысты
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ райсом альпинистты вертолетыл раласдзысты
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ райсом сæрмагонд вертолетыл раласдзысты, Комлæгæты цы туристтæ фесæфтысты, уыдоны. Фæхæццæ сæ кæндзысты Джызæлы онг, уырдыгæй та - медицинон уагдæттæм. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, боныхъæд тæхынæн уыдзæн хорз. Фæнысан кæндзыстæм, альпинистты æнæниздзинады уавæр бынаты кæй сбæрæг кодта æнæнхъæлæджы уавæрты дохтыр, бакодта сын фыццаг медицинон æххуыс. Ныридæгæн специалисттæ агурынц, кæм бахсæвиуат кæной, ахæм æдас ран.