Терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы кæронбæттæн æмбырд ацыд Сергей Меняйлойы разамындæй

Терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы кæронбæттæн æмбырд ацыд Сергей Меняйлойы разамындæй. Æмбырды ныхас цыд Ног азы æмæ Цыппурсы бæрæгбæтты, уыимæ ма фидæны аз бæстæйы Президенты æвзæрстыты рæстæг террористон æмæ экстремистон фæзындтæ ма руадзыныл. Æвзарæн участокты æддæрдыгæй хъæуы видеоцæстдарды системæтæ сæвæрын, сæ алфамбылай та сифтонг кæнын рухсы прибортæй. Хæстæгдæр бæрæгбæтты Пъæлицæйы хайæдты куыст раивдзысты карздæр фæткмæ. Æвзæрстыты рæстæг дзуапдæттæг ведомствоты архайды фæдыл бакусдзысты сæрмагонд пъланыл, кæцы ныффидар кæндзысты, Центрон æвзарæн къамис æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй разыйы дзуапп райсгæйæ. Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой терроризмы ныхмæ къамисы ацы афæдзы куыстыл. Фылдæр объектты зынгæ фæуæлдæр терроризмы ныхмæ хъахъхъæнынад. Хорз бæрæггæнæнтæ ис техникон ифтонггады дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
59 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии