Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилейы мадзæлтты тыххæй дзырдтой сæрмагонд æмбырды
Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилейы фæдыл кадджын мадзæлттæ сараздзысты канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма Мæскуыйы дæр. Уый тыххæй нæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ фехъусын кодта бæрæгбоны фæдыл цы къамис кусы, уый сæрмагонд æмбырды. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кадджын бæрæгбонæн стыр нысаниуæг ис. Республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты зæрдæты хъуамæ ныууадза рæсугъд фæд. Ирон литературæйы бындурæвæрæджы юбилейы мадзæлттæ райдайдзысты бæрæгбонæй раздæр. Алкæмæн дæр дзы уыдзæн бацархайыны фадат. Зæгъæм, 28 октябры, Мæскуыйы ацæудзысты ирон культурæйы бонтæ. Сараздзысты сæ Стыр театры æмæ Уæрæсейы Паддзахадон Чиныгдоны. Мæскуыйы цæрджытæн фæзындзæн фадат фенын Цæгат Ирыстойнаг нывгæнджыты куыстыты равдыст. Сараздзысты алыхуызон викторинæтæ, спектакльтæ, кинонывтæ æмæ литературон изæртæ. Иууылдæр баст уыдзысты юбилейы бæрæгбонимæ. Сæйраг мадзæлттæ арæзт æрцæудзысты Цæгат Ирыстоны æппæт районты. Хетæгкаты Къоста цы хæдзары цард - Рождественская уынджы, уый культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бæстыхайыл нымад у. Сифтонг дзы кæндзысты мемориалон фæйнæг. Цы хуызæн уыдзæн, уый бæрæг у. Фæнысан ма кæнын хъæуы уый, æмæ уырыссаг академион театры актертæ, 11 октябры аивадуарзджыты размæ рахæсдзысты спектакль«Фатимæ». Телевизормæ кæсджытæн та фæзындзæн фадат кинонывмæ ирон æвзагыл бакæсын. Ныртæккæ йыл кусынц паддзахадон телерадиокампани «Алани» æмæ Ирон театры кусджытæ. 15 октябры та цæрджытæн уыдзæн фадат, Хетæгкъаты Къостайы райгуырæн хъæумæ - Нармæ абалц кæнын. Уымæй уæлдай ма, къамис сæрмагонд цæстдард аздахдзæн Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæнтæм се*ппæтмæ дæр, цæмæй сæ сцалцæг кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилейы мадзæлтты тыххæй дзырдтой сæрмагонд æмбырды
Категория:
Новости и СМИ