Хъазыбеджы хохы цы альпинист фесæфт, уый ирвæзынгæнджытæ дарддæр агурынц
Хъазыбеджы хохы цы альпинист фесæфт, уый ирвæзынгæнджытæ дарддæр агурынц
Ирвæзынгæнджытæ уал абон фесты Хъазыбеджы хох хæдтæхæйгӕй сгарын. Уым фесæфт Самарæйы облæстæй альпинист. Ссарын æй сæ бон нæ баци. Тыхджын дымгæ кæй кодта, уый тыххæй хæдтæхæгæн йæ бон не сси 4 мин 200 метры бæрзæндыл лæгъз бынатыл æрбадын. Фæстаг хатт альпинисты федтой Перьмæй спортсментæ 4 мин 900 метры бæрзæндыл. Уыдон дæр хызтысты уыцы цъуппмæ. Альпинист цы бынаты хъуамæ уа, уырдæм фистæгæй цæуынц 6 ирвæзынгæнæджы. Ныридæгæн схызтысты 3 мин 100 метры бæрзæндмæ. Райсомы 6 сахатмæ хъуамæ Цæгат Ирыстонмæ ногæй æрбатæха Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хæдтæхæг МИ-8. Кæд сæ боныхъæд бауадза, уæд ирвæзынгæнджытæ æрбаддзысты Хъазыбеджы хохы лæгъз бынаты. Уæд дыууæ къордæй агурдзысты альпинисты. Æдæппæтæй йæ агуырдтой 10 ирвæзынгæнæджы æмæ техникæйы 4 иуæджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Новокуйбышевскæй нæлгоймаг фесæфт Хъазыбеджы хохмæ хизгæйæ. Уыдысты æртæйæ. Алпинисттæ хохмæ схизыны размæ регистраци не скодтой.