Арвыкомы фæндаг сæхгæдтой уæзласæн машинæтæн
Боныхъæды уавæртæ æрцыбыртæ кодтой Арвыкомы фæндаджы гæнæнтæ дæр. Абон æй изæры ногæй ахгæдтой. Æнæнхъæлæджы цауты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ йыл ацæуыны бар нал ис уæзласæн машинæтæн. Кæд байгом уыдзæн, уый бæрæг нæу. Уымæн хъæуы хицауады сæрмагонд уынаффæ. Ныртæккæ хæхты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Уавæрмæ дарддæр дæр нæ хъус дардзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг сæхгæдтой уæзласæн машинæтæн
Категория:
Новости и СМИ