Симпозиум «Аланика», зæгъгæ, уый та ногæй цæудзæн Дзæуджыхъæуы
Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны стыр культурон цауыл нымад чи у, симпозиум «Аланика», зæгъгæ, уый та ногæй цæудзæн Дзæуджыхъæуы 15-æм августæй 30-æм сентябрмæ. Цæгат Ирыстонмæ æрæмбырд уыдзысты дунейы алы бæстæты минæвæрттæ. Дзæуджыхъæумæ ссæудзысты Уæрæсе, Азербайджан, Украинæ æмæ Литвайæ. Уый тыххæй фехъусын кодта симпозиумы аразджытæй иу, Тебиаты Галинæ. Культурон цауы архайдзысты 20 авторæй фылдæр. Аланикæйы фенæн уыдзæн цымыдисаг æмæ æнахуыр проекттæ. Уыдзысты алы жанрты конд: къам, видеоæрмæг, кафт, скульптурæ, алфамблайы фæзуат аивгæнæн проект æмæ алыхуызон инсталляцитæ. Симпозиумы ахадындзинад дæр егъау у. Йæ архайджытæн сæ бон сæххæст кæнын уыдзæн сæ проекттæ, кæнæ та ногтæ `рхъуыды кæнын. Уымæй уæлдай ма сын фадат уыдзæн дунейы зындгонд аивадон архайджытимæ фембæлынæн æмæ сын сæ фæлтæрдзинад базонынæн. Бæрæггонд куыд уыд, афтæмæй азæй-азмæ симпозиумы архайджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Ацы хатт ма йæм бахæсдзысты, адæмы дисы чи `фтаудзæн, ахæм мадзæлттæ дæр. Зæгъæм, рухсытимæ куыд архайы, уый равдисдзæн Заур Цугаев Грознайæ, хъæдæрмæгæй конд дзауматæ адæмы рæгъмæ рахæсдзæн Бакуйаг - Фарид Расулов, æфсæйнагæй нывæфтыдтæ та - Алла Урбан, Мæскуыйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Симпозиум «Аланика», зæгъгæ, уый та ногæй цæудзæн Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ