Донивылдæй бахъахъхъæнын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

52 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

52 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

52 просмотра

9 лет назад

Тыхджын уарынты фæстæ фарон нæ республикæ донласт фæцис. Ивылд дæттæ сæ фæстæ цы хабæрттæ ныууагътой, уыдон аиуварс кæнынæн республикæйы хицауад пълан скодта. Сæрмагондæй хауы, сæ хæдзæрттæ доны былгæрон кæмæн сты, уыцы адæммæ. Хъæдгæроны цæрджытæ дæр кæд тасхуызæй нал кæсиккой, сæ цурты цы къаннæг цæугæдон хæл-хæл кæны, уымæ. Райдыдтой дзы былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ. Брытъиаты Феликс дæр цæугæдоны фæрстыл йæ цæст ахаста. Хæхты цъититæ тайын куы райдайынц, æмæ ма сыл тыхджын къæвдаты лæсæнтæ куы бафтынц, уæд адæм сæ хъуырмæ свæййынц. Донивылдтытæ арæх бахъыгдарынц цæрджыты. Афтæ уыд Хъæдгæроны дæр. Цæугæдон ракалд йæ былтæй æмæ аластæ хидтæ, æрбасатар кодта фæндæгтæ. Хъæуы уынгты та цæугæ нæ, фæлæ ленк кæнын бахъуыд. Уый зонгæйæ, ныртæккæ специалисттæ Хъæдгæроны райдыдтой доны былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ. Хъавынц афоныл фæуын. Сыгъдæг кæнынц доны фæрстæ æмæ сæ дуртæй фидар кæнынц. Уæдæ донвæд дæр хъуамæ фæарфдæр уа. Уый фæстæ йын йæ былтæ бетоны бын хъуамæ фæкæной. Чшиаты Русланы ныхæстæм гæсгæ, хæлд бæстыхæйттæ хаст уыдысты паддзахадон программæ «Экологийы азы» фæлгæтмæ. Куыстытæ бабар кодтой «Инжстройконтроль»-æн. Специалисттæ архайынц объект афоныл радтыныл. Фæлæ уый сæ куысты хæрзхъæддзинадыл нæ фæбæрæг уыдзæн. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын æрдзон уавæртæ дæр æххуыс кæнынц. Ныртæккæ ауазæны дæргъ æртæ километрæй фæфылдæр. Экспертты ныхæстæм гæсгæ дамбæ суыдзæн 5 азы фаг. Хъæдгæроны цур куыстытæ сæрдæй нырмæ нæма банцадысты. Ныртæккæ доны æмвæзад у ныллæг, уый фадат дæтты донвæд ноджы арфдæр фæкæнынæн. Хъомысджын техникæ кусы райсомæй раджы æмæ изæрдалынгтæм. Специалисттæ зæрдæ æвæрынц, доны былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ адæмæн кæй фæпайда уыдзысты. Цæрджытæ дæр сулæфыдысты. Донивылд сæ раздæрау сагъæсы нал æфтауы. Уæдæ-иу быдыртæ дæр ивылд уылæнты хъуыры нал аирвæздзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Донивылдæй бахъахъхъæнын

Категория:

Новости и СМИ