Дзæуджыхъæуы 30-æм скъоламæ бацыд ахуыргæнæндон срæмудзыны мæнг хъусынгæнинаг
Дзæуджыхъæуы 30-æм скъоламæ бацыд хъусынгæнинаг, ахуыргæнæндоны рæмудзæн æрмæг ӕвӕрд кæй ис, уый тыххӕй. Ныртæккæ бынаты кусынц ирвæзынгæнджытæ æмæ барадон специалисттæ. Сгарынц бæстыхай. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ æвæстиатæй æппæт скъоладзауты æмæ педаготы, стæй скъолайы иннæ кусджыты бынатæй ракодтой. Æмæ ныртæккæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй басгæрст кæронмæ æрхæццæ. Тæссаг, кæнæ зæрдæхсаинаг миниуджытæ барадхъахъхъæнджытæ скъолайы не ссардтой. Ахуырдзауты дыккаг фæлтæр ахуыр кæнынмæ мидæмæ бауагътой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv