Хъæдгæронæй Хадыхъаты бинонтæ уæззау цауы фæстæ сты фæкæсынцух
Газы срæмыгъд куыд æрцыд, уый ма йæ фæстаг тыхтæй Хадыхъаты Зитæ рынчындонмæ фæндагыл йæхæдæг дзырдта. Сылгоймаг уыцы бон йæ хабæртты фæдыл уыд Æрыдоны. Куы æрбаздæхт, уæд хæринаг хъарм кæнынмæ сæвæрон зæгъгæ, спичкæ ссыгъта, уыцы рæстæг æрцыд срæмыгъд, арт апарахат, ныккалд агъуысты сæр. Сыхæгтæй сылгоймаджы ахæм уавæры фыццаг Хуырымты Æхсæртæг федта. Архайдта сылгоймагæн баххуыс кæныныл. Уæдмæ иннæ сыхæгтæ дæр фæфæдис сты. Хадыхъаты бинонтæ Хъæдгæронты æрцардысты 12 азы размæ. Уæд смал кодтой ам хæдзар. Сæ къух куыд амыдта, афтæ йæм сабыргай зылдысты. Бинонтæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй дзуапдæттæг куыстуат хæдзары газ алыг кодта. Уазал рæстæг кæй у, уымæ гæсгæ пайда кодтой газы баллонæй. Куыд сæхи хъарм кæнынæн, афтæ хæдзары куыстытæн дæр. Зæгъæн ис æмæ рæстæгмæ иу агъуысты æрцардысты. Хадыхъаты Зитæйыл цыд 35 азы. Иууылдæр æй зыдтой хъæлдзæг, зæрдæхæлар æмæ цæстуарзон адæймагæй. Сылгоймагæн йæ фæстæ баззад фондз æнахъом сывæллоны. Æртæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Хистæрыл цæуы 15 азы, кæстæрыл та 2 мæйы. Уыд хорз ныййарæг. Рынчындонмæ фæндагыл катайы уыд, фæлæ уæддæр ныййарæг йæ цоты фæдзæхста. Бинонты закъоны бындурыл раиртасын фæнды дзуапдæттæг ведомствойы раст архайд. Хадыхъаты бинонты фарсмæ æрбалæууыдысты æппæт хъæубæстæ æмæ республикæ нæ, фæлæ ма бæстæйы алы горæтты æмæ фæсарæнты цæрджытæ. Æнамонд цауы æмæ бинонтæн фарсмæ балæууыны тыххæй хъусынгæнинаг апарахат кодтой Æппæтадæмон æхæсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас» дæр. Фыдбылыз дам иунæг нæ вæййы. Бинонтæ сты зын уавæры. Уыимæ ма Зитæйы сывæллæттæй иуæн йæ æнæниздзинады тыххæй хъæуы медицинон æххуыс бакæнын бæстæйы сæйраг горæты клиникæтæй иуы. Балæууын хъæуы æнæ хæдзрæй цы сабитæ баззадысты, уыдоны фарсмæ. Хадыхъаты бинонтæн баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон фæрæзтæ æрвитын у мæнæ ныртæккæ экраныл цы номыртæ уынут, уыдонмæ гæсгæ. Хадыхъаты бинонтæ бузныг зæгъынц, сæ фарсмæ чи балæууыд, уыдонæн се 'ппæтæн дæр. Уæлдайдæр Дзидаханты Хасанæн, Бураты Русланæн, Уатыты Зелимæн æмæ Агънаты Хъауырбегæн. Зæрдæхæлар адæм бирæ ис, уæззау уавæры чи бахауд, уыцы сывæллæттæм æххуысы къух бадарæм. Калоты Дзерассæ