Дзæуджыхъæуы ацыд Уæрæсейы хъæбатырты номыл чиныджы презентаци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы адæмы размæ рахастой чиныг «Герои Отчизны моей», зæгъгæ. Фыст дзы æрцыдысты, Цæгат Ирыстоны цæрджытæй хæстон цауты чи архайдта, æмæ Уæрæсейы хъæбатырты номы аккаг чи сси, уыдоны сгуыхтдзинæдтæ. Чиныгыл бакуыстой Хайманты Барис æмæ Гаглойты Дзерассæ. Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, сæ сгуыхтдзинæдтæ рох кæнæн кæмæн нæй, уыцы адæмы хъысмæтыл фыст у чиныг «Герои Отчизны моей». Чиныг рауадзыны хъæппæрис рахаста Уæрæсейы хъайтар Андрей Днепровскийы ныййарæг Татьяна Днепровская. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло автортæ Хайманты Барис æмæ Гаглойты Дзерассæйæн баххуыс кодта æхцайы фæрæзтæй. Чиныгыл куыстой афæдзы бæрц. Куыд зæгъынц, афтæмæй кæд æнцон нæ разынд, уæддæр уыд тынг цымыдисаг. Презентацимæ æрбацыдысты чиныджы хъайтартæ, Уæрæсейы хъæбатрытæ, сæ хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ. Фембæлдтытæй иу ацыд Суворовы номыл училищæйы. Йæ хъомылгæнинæгтæн ацы фембæлд сси уæлдай æхсызгон. Нæ Фыдыбæстæйы истори хъуамæ не 'ппæт дæр зонæм, нæ зæрдыл дарæм цы сгуыхтдзинад равдыстой, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv