Республикæйы артаг-энергетикон æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты цæттæдзинадыл ныхас цыд
Фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ Цæгат Ирыстон цæттæ у 93,7%. Республикæйы артаг-энергетикон комплексы æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты цæттæдзинадыл дзырдтой сæрмагонд штабы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Фарстамæ æркастысты профилон министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ, барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдардæг оргæнты, стæй энергетикæ æмæ хъармæй ифтонг кæныны куыстуæтты минæвæрттимæ. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæны ныхæстæм гæсгæ, районты куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ. Алы районы сæргълæууæгмæ дæр премьер байхъуыста хицæнæй. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй цæттæдзинады паспорттæ хъармдæттæг куыстуæттæ хъуамæ райсой 1-æм ноябрмæ, районтæ та — 15-æм ноябры онг.