Фæзминаг фæлтæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Ирон адæмы фарн бахъахъхъæнын æмæ раздахын. Нæ республикæйы фæсивæд сæ размæ сæвæрдтой ахсджиаг хæс. Æрбамбырд сты республикæйы алы рæттæй иу хъуыддаджы фæдыл. Цæгат Ирыстоны дзуæртты бынæттæм хъæуы бындуронæй базилын. Райдыдтой Куырттаты комæй. Лæппутæ фæнд кæнынц сæ къух æппæт кувæндæттыл ахæссын. Ныридæгæн фæсивæдæн цы бантыст, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Бæрзонд хæхтæ æмæ дæргъвæтин истори. Цæгат Ирыстоны дзуæртты бынæтты кой нæм æнусты сæрты æрхæццæ. Хъыгагæн сыл рæстæг нæ бацауæрста. Дыууæ мин азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы дзуæрттæ сæ хуыз аивтой æмæ заууатмæ æрцыдысты. Цæмæй адæмæй рохуаты ма баззайой, уый тыххæй Ирыстоны фæсивæд сфæнд кодта бынæттæ саив кæнын. Райдыдтой Куырттаты комæй. Дзуæрттæм базилын æнцон хъуыддаг нæу. Фыццаджыдæр, хъæуы дысвæлдæхтæй бавналын, лæппутæм фæкæсын хъæуы æхцайæ дæр. Дзырдæн зæгъгæм, дзуармæ къæсæры дуар æвæрæггагыл фæсивæд бахардз кодтой 100 мин сомы. Ахæм дуæрттæ та дзы иу æмæ дыууæ нæй. Ныртæккæ лæппутæ кæсынц Уастырджийы кувæндоны. Куырттаты комы кувæн бынæттæ сты 100-йæ фылдæр. Къасуты кувæндон банывыл кæнын хуымæтæг цау нæу. Хистæрты, историкты руаджы фæсивæд сындæггай æмбырд кæнынц информаци. Кусынц зæрдæргъæвдæй, лыстæгдзинæдтæм здахынц уæлдай æргом. Хистæртæ хъæппæрисджын фæсивæдæй сты сæрыстыр. Ахæм лæппуты фæрцы Ирыстоны фидæныл зæрдæ нæ риссы. Кувæндæттæ сæндидзынæн цас рæстæг бахъæудзæн, уый ничи зоны. Фæлæ иу хъуыддаг дызæрдыггаг нæу. Цæгат Ирыстоны дзуæртты бынæттæ сты ирон адæмы фыдæлтыккон æгъдау æмæ нæ культурæ. Æнæ ивгъуыдмæ фæкастæй та фидæн зæрдæхсаинаг вæййы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фæзминаг фæлтæр

Категория:

Новости и СМИ