Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ Омскы æрцахстой цæстфæлдахджыты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ Омскы æрцахстой цæстфæлдахджыты. Министрад цæстфæлдахджыты ныхмæ тох кæны, куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсейы æндæр рæтты дæр. Арæхдæр фыдвæндгæнджыты амæттаг свæййынц карджын адæм. Уыдон сæм æрбадзурынц чырæг телефонтæй, сæ хæстæджытæ фыдбылызы бахаудысты, зæгъгæ, æмæ сæ уыдоны номæй сæрмагондæй æхца бацагурынц. Фыдвæндгæнджыты амæттаг чи бахауд, уыдонæй иу Таиссия Ганжа. Уый куыд зæгъгы, афтæмæй закъонхалджытæ йæ йæ ныхæстыл баууæндын кодтой, æмæ сыл дызæрдыг дæр нал фæкæдта. Арвыста сын 200 мин сомы. Пъæлицæйæгты лæмбынæг куысты фæрцы бæрæггонд æрцыд, цæстфæлдахджытæ йæм æндæр горæтæй кæй дзырдтой, уый. Барадхъахъхъæнджытæ фыдгæнджыты ссардтой горæт Омскы. Гуырысхо кæуыл кодтой, уыдонмæ разындысты чырæг телефонтæ æмæ æхца сын кæдæм æрвыстой, уыцы банчы картæтæ. Цæстфæлдахджытæ сæ азымыл басастысты. Хъæвдынты Азæмæт, экономикон фыдракæндты слестгæнæн хайады хистæр слестгæнæг: «Уæрæсейы федерацийы уголовон кодексы 159-æм уацы 2-æм хаймæ гæсгæ, фæлывд ми ракæныны тыххæй, цæстфæлдахджытыл уголовон хъуыддаг байгом кодтам.Сæрмагонд уагдæттæм слесгæнджыты хайад арвыста домæнтæ. Уый хыгъд, фыдгæнджытæ цы ’хцайы фæрæзтæ расайдтой, уыдон фæстæмæ сæ хицæуттæн лæвæрд æрцыдысты. Цæстфæлдахджытæм æнхъæлмæ кæсы ахæстоны 5 азы фæбадыны тæрхон». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ Омскы æрцахстой цæстфæлдахджыты

Категория:

Новости и СМИ