Дзæуджыхъæуы ацыд Хъаспиаг бассейнаг зылды Советы æмбырд
Дзæуджыхъæуы ацыд Хъаспиаг бассейнаг зылды Советы æмбырд. Архайдта дзы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Дзырдтой Цæгат Ирыстоны доны хæдзарадон комплексы рæзтыл. Æнæмæнг хъæуы Терчы былгæрон ауазæн рацаразын. Уый донивылдтытæй хъахъхъæны Павлодольская станицæйы Мæздæджы районы. Ахсджиаг у барражтæ æмæ фидаргæнæн цæджындзты уавæр сбæрæг кæнын. Республикæйы хицауад уыцы курдиатимæ бахатыд Хъаспиаг бассейны зылды Советмæ. Цæгат Ирыстоны кусынц доны былгæрæттæ фидаргæнæн мадзæлттыл. Зæгъæм ныртæккæ бындуронæй архайынц Терчы доны рахизфарсы æдасдзинадыл Беслæны. Фидæны ма æхсæз объекты цалцæгæн бацæттæ кæндзысты хъæугæ гæххæттытæ.