Цæгат Ирыстоны схорзæхджын кодтой акци «Диктант победы» йы уæлахиздзауты
Дзæуджыхъæуы сбæрæг сты акци «Диктант победы»-йы уæлахиздзаутæ. Абон хорзæхджынгонд æрцыдысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады. Мадзал цыд нæ бæстæйы æппæт регионты дæр. Цæгат Ирыстонæй дзы бацархайдтой 5 мин адæймаджы. Уыдонæй 5 равдыстой иттæг хорз хатдзæг. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, диктант цыд апрелы кæрон. 45 минуты дæргъы архайджыты хъуыд 25 тематикон фарстæн дзуапп раттын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv