Огъуаты Аланæн радтой уæрæсейы ахуырады академийы профессоры кадджын ном
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор, экономикон наукæты доктор Огъуаты Аланæн радтой Уæрæсейы ахуырады академийы профессоры кадджын ном. Не 'мзæххоны архайдæн æмæ куыстæн аккаг аргъ скодтой Уæрæсейы ахуырадон къабазы минæвæрттæ. Профессоры ном дæттынц иртасæн куысты чи фесгуыхт æмæ стыр æнтыстдзинæдтæ йæ къухы кæмæн бафты, уыдонæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фарон Огъуаты Алан сси æппæтнационалон премийы лауреат. Уымæй уæлдай Огъуаты Аланы банымадтой Цæгат Кавказы федералон зылды уæлдæр ахуыргæнæндæтты 'хсæн хуыздæр ректорыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv