Сæ куыстæй разы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Абердины-афтæ хуыйны ацы хъомты мыггаг. Воронежы обæстæй сæ сластой. Фермæйы хицау- Хæтæгты Артур куыд зæгъы афтæмæй сæ дзидза у хæрзхъæд æмæ хæрзад. Фæлæ сæ аргъ дæр гыццыл нæу. хъæууон хæдзарадон кооператив «Век»-ы минæвæрттæ 2018 азы архайдтой федералон программæйы. Рамбылдтой грант 10 милуан сомы. Фермертæ сæхи фæрæзтæй схарз кодтой 7 милуан сомы. Балхæдтой дзы абердинтæ. Куыстуаты разамонджытæ разыйæ баззадысты. Куыд зæгъынц афтæмæй ацы хъомты мыггаг тынг хорз у. Хъæууон хæдзарадон кооператив «Век»-ы разамонæг Хæтæгты Артур: «Тынг тагъд рæзынц. Уайтагъд сыл хуыз фæхæцы. Уымæй уæлдай ма сæ дзидза хæрзхъæд у. Æнцон дарæн фос сты. Цы сын æрывæрай уый бахæрдзысты. Сæрмагонд хæллог сын нæ хъæуы. Сæрды та сæ арвитæм хохмæ сæрвæттæм». Куыстуаты разамонæг куыд зæгъы афтæмæй ацы хъомты мыггаг нырма уæй кæныны фæнд нæ кæны. Æдæппæтæй сты 200 сæры. Фидæны сæ фæнд кæынц 500 скæнын. Фермæйы ма ис 700 сæры герефорд зæгъгæ хъомты мыггаг. 1000-та фыстæ. Куыстуат фæнд кæны дзидзайæ уæлдай ма æхсыры куыст кæнын дæр. Стурвосыл ма бафтдзæн 200. Хъæууон хæдзарадон кооператив «Век»-ы разамонæджы хæдивæг Никъолты Батраз: «480 гектары фæзуатыл цæттæ кæнæм холлаг. Зымæгмæ сын силос бафснайæм». Стуртæн холлаг дæр ам амал кæнынц. Фермертæ куыд зæгъынц афтæмæй мæйы мгъуыдмæ бахардз кæныц 70 тоннæйы хор. Хæрз æрæджы та куыстуат фосы хойрагæн самал кодта сæрмагонд кусæнгæрз.   Хъæууон хæдзарадон кооператив «Век»-ы техник: «Хæрз æрæджы нæм фæзынд ацы кусæнгæрз. 2018 азы йæ самал кодтам. Холладжы алы хуызтæ дзы æррысæм». Ныртæккæ куыстуаты аразынц фыстæн сæрмагонд бынат. Цæудзæн дзы 2000 сæры. Кооперативы разамонджытæ куыд зæгъынц афтæмæй фидæнмæ сæ размæ æвæрынц бирæ пълæнттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сæ куыстæй разы

Категория:

Новости и СМИ