Гуырдзыстоны бæллиц - Хуссар Ирыстон фæстæмæ раздахын
Хуссар Ирыстоны æдасдзинады службæтæ раргом кодтой Гуырдзыстоны сусæггонд пълан. Бæрæггонд дзы у, Тбилиси йæ зæххытæ фæстæмæ раздахыны ныфс кæй дары, уый. Ахæм хаттдзæгмæ æрцыдысты республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты. Йæ пресс-службæйы сæргълæууæг Бязырты Екатеринæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы сæрмагонд гæххæтмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад фæнд кæны Хуссар Ирыстон йахи раздæры скондмæ раздахын. 2008-æм азы цы быцæу рауад, уый хатдзæгтæ та æппындæр ницæмæ дары. Цы документ раргом, уый мæнæ уæхæдæг дæр уынут. Йæ сæргонд - Гуырдзиаг бæллиц зæгъгæ. Фыст дзы ис, 2020-æм азмæ сæ пъланмæ гæсгæ цы сæххæст кæнын хъæуы, уый. Ома, Хуссар Ирыстон, уыимæ ма Абхаз дæр фæстæмæ раздахын уый нырма дæр сæ бæллиццаг хъуыддаг у. Уыимæ ма дзы нысангонд ис, кæнæ сæ финансон фæрæзты руаджы æрбаиу кæнын. Уый Паддзахадон æдасдзинады комитеты схуыдтой комкоммæ гæртæмттæ дæттыны цау. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй ахæм фæнд сæ къухы бафта, уый тыххæй ныртæккæ Гуырдзыстоны æрхъуыды кодтой ног программæ «Хуыздæр фидæнмæ къахдзæф», зæгъгæ. Уым нысангод ис, Хуссар Ирыстоны арæнтæ фехалын. Стæй республикæйы политикон æмæ экономикон хæдбардзинад фæцудын кæнын. Уыцы хъуыддæгтæм ма, æнæмæнг, бафтауæн ис 23-æм августы цы быцæутæ рауадысты дыууæ паддзахады хсæн, уыдон. Æнæзакъонæй арæнты пъост кæй сæвæрдтой, уый. Бафиппайын ма хъæуы уый, æмæ, Гæххæтты куыд фыст ис, афтæмæй Гуырдзыстон фæнд кæны Уæрæсеимæ демократон ахастдзинæдтæ фæхуыздæр кæнынæн бындур сæвæрын. Ууыл дæр куыст хъуамæ цæуа, фæлæ куыд æмæ цы хуызы, уый нырма зын зæгъгæн у. Уæлдайдæр та фæстаг цаутæ хынцгæйæ, куыд Хусар Ирыстонимæ баст чи сты, афтæ Уæрæсеимæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гуырдзыстоны бæллиц - Хуссар Ирыстон фæстæмæ раздахын
Категория:
Новости и СМИ