Битарты Вячеслав фембæлд Беслæн æмæ Ольгинскæйы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Рахизфарсы районы цæрджытимæ. Ацы хатт бабæрæг кодта хъæутæ Беслæн æмæ Ольгинскæ. Сæ риссаг фарстатæ адæм бæрнон кусджыты рæгъмæ рахастой. Уыдоны хсæн фылдæр æхсæнадон уагæвæрды къуылымпыдзинæдтæ. Æхсæнадон бынæтты уавæр æмæ транспортон фæтк. Уæдæ хи фарстатæн дæр Битарты Вячеслав дзуапп радта. Цæрджытимæ фембæлды архайта не*сфæлдыстадон къорд дæр. Бæлвырддæр ма радзурдзæн Хуасдзауты Алинæ. Беслæны цæрджытæм бирæ риссаг фарстатæ разынд. Гагарины уынджы кæлæддзаг хæдзæртты цæрджытæ хьаст кæнынц. Программæмæ гæсгæ 8 корпусæй ног хæдзæрттæм ивын куы райдыдтой, уад алы фатерæн дæр аргъ скодтой 1 милуан сомы бæрц. Уыимæ адæм разы не сты. Уыцы æхцайы фæрæзтæй, цæрынæн цы фатер сбæзза, ахæм балхæнæн нæй. Рахизфарсы районы администрацийы сæргълæууæг Беркъаты Константин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуыддагмæ ныртæккæ кæсынц тархондоны. Беслæны 4-æм скъоламæ къахвæндаг нæй. Уыимæ ма, дзы фистæгцæуджытæн фæндагахизæнтæ дæр нæй. Адæмы ныхæстæм гæсгæ сывæллæтты æдасдзинадæн уый тæссаг у. Рахизфарсы муниципалон сконды сæргълæууæг Фрайты Сослан куыд загъта, афтæмæй къахвæндаг æмæ ахизæн дæр уалдзæгмæ хъуамæ арæзт æрцæуой. Беслæны фæзы уавæр дæр зæрдæхсаинаг у. Битарты Вячеслав бахæс кодта фæзмæ базилын, æмæ уыцы хъуыддагæн Беслæны бюджетмæ бахæссын æмбæлгæ фæрæзтæ. Беслæны карьерæй бырондон кæй рауад, уый фæдыл дæр адæм тыхсынц. Фрайты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, цалдæр азы дæргъы карьер ис хицæн адæймæгты къухты. Уый фæстæ сæргълæууæг æмæ профилон министртæ абалц кодтой Ольгинскæмæ. Уым дæр адæм Битарты Вячеславимæ æргомæй аныхас кæнынмæ æрбамбырд сты культурæйы хæдзары. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, хæдзары хъарм нæй. Уыимæ ма, у цалцæггæнинаг дæр. Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Къубалты Эльбрусæн республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта 2021 азмæ хæдзары цалцæггæнæн куыстытæн рахай кæнын фæрæзтæ. Хъæуы администрацимæ уынгты рухсы телтæ ауадзынæн фаг фæрæзтæ нæй. Уæдæ адæмы бон дæр нæу сæхи хъарутæй уый саразын. Битарты Вячеслав хъæуы æмæ районы администрацийæн бабар кодта сбæрæг кæнын, цас фæрæзтæ бахъæудзæн, уый. Стæй, хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министрады бон у 2 милуан сомы хъæуæн рахай кæнын ацы хъуыддагæн. 20 январы онг администраци æмбæлгæ гæххæттытæ куы бацæттæ кæна, уæд. Тыхсынц ма адæм, Ольгинскæйæ Беслæнмæ комкоммæ транспортон бастдзинад кæй нæй, уый тыххæй дæр. Фарстайæн дзуапп радта профилон министр, Хайдарбек Бутов Рахизфарсы районы, æмткæй райсгæйæ, бирæ райхалинаг фарстатæ разынд. Ахæм æмбырдты руаджы та сæ рабæрæг кæнын æнцондæр у. Стæй, бирæтыл дзы бынаты бакусын. Æхсæнадон къуылымпыдзинæдтæй уæлдай ма, æмбырды фæстæ адæмы бон уыд сæргълæууæгимæ хи фарстатыл дæр æрныхас кæнын. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Беслæн æмæ Ольгинскæйы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ