Бæрæгбоны мадзæлттæ 11-æм æмæ 12-æм июны ацæудзысты фæткмæ гæсгæ

Бæрæгбоны мадзæлттæ 11-æм æмæ 12-æм июны ацæудзысты фæткмæ гæсгæ. Уый тыххæй регионы разамонæг Сергей Меняйло загъта аппаратон æмбырды. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй бæрæгбæттæ куыд фæнд кодтой, афтæ ацæудзысты. Ацы бонты республикæйы сбæрæг кæндзысты Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы цауы 250 азы, стæй Уæрæсейы бон. Уый хыгъд, Мæздæджы районы та нырма дзыллон мадзæлттæ нæ араздзысты. ДОСААФ-ы дæр хæттæхджыты архайд баурæдтой, æрæджы Мæздæджы районы æнæтæхæг аппаратимæ баст цауы тыххæй. Регионы разамонæг фæсидт медиа къабазы кусджытæм æмæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй социалон хызæгты ма мыхуыр кæной мæнг æмæ æнæбæлвырдгонд, уыимæ паддзахадæн зиан чи æрхæсса, ахæм информаци. Сæргълæууæг ма бабар кодта æвæстиаты хъусынгæнæн системæйы архайд сбæрæг кæнын, бацæттæ кæнын амынддзинæдтæ, хи куыд дарын хъæуы æнæпилотон тæхæн аппараттæ адæймаг куы ссара, уæд.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
25 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии