Къостайыхъæуы аразынц спортивон фæз
Къостайыхъæуы аразынц спортивон фæз
Къостайыхъæуы аразынц бирæвæрсыг спортивон фæз. Куыстытæ райдыдтой майы. Ныридæгæн æвæрд æрцыд брусчаткæ. Футболон фæзы алыварс сæхгæдтой быруйæ. Асфальты бæсты та дзы уыдзæн æнцонархайд газон. Спортивон фæзы сывæллæтты хайы та байтаудзысты сæрмагонд резиннæ уæлцъар. Русхдæттæн системæ дæр цæттæ у. Сæвæрдзысты ма дзы бандæттæ æмæ хъеллаугæнæнтæ, бацархайдзысты цъæх фæлыстыл дæр.