Электрон тыхдæттæн хызæгты нысангонд зонæты цы объекттæ рацарæзтой, уыдонæй 40 æй фылдæр фехалдзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Электрон тыхдæттæн хызæгты нысангонд зонæты цы объекттæ рацарæзтой, уыдонæй 40-æй фылдæр фехалдзысты. Ахæм уынаффæ рахаста тæрхондон. Уый тыххæй хъусын кæны газет «Российская газета». Электрон хызæгтæн сæ фылдæр ифтонггонд сты цæхæрадæтты æмæ хи хæдзæртты кæртыты. Афтæмæй та уыцы хызæгты электрон тых хæццæ кæны Дзæуджыхъæумæ, стæй республикæйы районтæм æмæ хъæутæм. Уæрæсейы Хицауады бардзырдмæ гæсгæ, электрон тыхдæттæн хызæгты цы зонæтæ нысангонд ис, уыцы рæтты закъонмæ гæсгæ нæй аразæн бæстыхæйттæ. Уыимæ ма дзы нæй дзыллон мадзæлттæ дæр аразæн. Фæлæ закъонхалджытæ нæ республикæйы уæддæр уыцы бынæтты бавдæлынц аразынмæ. Хъахъхъæд зонæты скæнынц цæхæрадæттæ æмæ скълæдтæ. Электрон хызæгты бын аразынц хæрæндæттæ, дуканитæ, машинæты лæууæн бынæттæ, сывæллæттæн хъазынæн фæзтæ. Цæгаткавказэнергойы специалисттæ рабæрæг кодтой 43 ахæм закъонхæлды. Ныр сæ ныхмæ архайы тæрхондон. Ныридæгæн рахастой уынаффæ, 6 ахæм объекты цы бæстыхæйттæ сарæзтой, уыдон фесафын. Уый фæдыл æххæстгæнæн сыфтæ радтой тæрхондоны пъырыстыфтæн. Закъонхæлдтытæ рабæрæг кодтой цæхæрадæтты кæцыдæр æмхæларадты, Дзæуджыхъæуы та Доваторы, Абайты Васойы æмæ Къесаты Астаны номыл уынгты. Куыд ма рабæрæг, афтæмæй адæм электрон тыхдæттæн хызæгты нысангонд зонæты æнæзакъонæй зæххы хæйттæ сæхи бар бакодтой. Цæгаткавказэнергойы кусджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй зæрдæхсаинаг фылдæр у цæхæрадæтты æмхæларад "Иристон. Уым электрон тыхтдæттæг хызæгтæй 8-æй фылдæр цæуы. Хæццæ кæнынц нæ республикæйы ахсджиаг социалон объекттæм. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы донарæн. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнæзакъон арæзтадты аххосæй фадат нал вæййы цалцæггæнæн куыстытæ кæнынæн. Уый хынцгæйæ та, тæссаг у адæмы æнæниздзинадæн. Тæссаг у зынгсирвæзтытæ рацæуынæй дæр. Уæвгæ, ахæм цаутæ уыдысты - цæхæрадæтты æмхæларад «Рухс»-ы уый размæ аскъуыдысты электрон хызæгтæ. Хъахъæд зонæйы цы хи хæдзæрттæ арæзт сты, уыдонæн тас уыд телты зианхæссæг тынгадæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Электрон тыхдæттæн хызæгты нысангонд зонæты цы объекттæ рацарæзтой, уыдонæй 40 æй фылдæр фехалдзысты

Категория:

Новости и СМИ