Цæгат Ирыстоны фæндаггон службæйы минæвæрттæ баххуыс кодтой 7-аздзыд лæппуйæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

Цалдæр боны размæ Фæндаггон патрулон службæйы минæвæрттæ аирвæзын кодтой 7-аздзыд Мамиаты Сæрмæты. Пъæлицæйæгты сæрæндзинады фæрцы сывæллоны афойнадыл бахæццæ кодтой сывæллæтты республикон клиникон рынчындонмæ. Уым ын æвæстиат æххуыс бакодтой. Ныр лæппуйы æнæниздзинад зæрдæхсаинаг нал у. Æрæджы æрцыд йæ ирвзынгæнджытæн сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ зæгъынмæ. Авдаздзыд Мамиаты Сæрмæт йæ фыд æмæ йæ бабаимæ æрхæццæ ис Елхоты цур станцæмæ. Ам сæ радон хатт сæ куыст кодтой. Уыдон ацы лæппуйæн йæ цард мæлæты къухтæй аскъæвтой, æмæ йæ аирвæзын кодтой.Ацы цауыл ныр цалдæр боны цæуы. Фæнддагон-патрулон службæйы хицæн батальон, кæцы йæ цæст дары федералон фæндæгты æдасдзинадмæ. Уыдон куысты фæстæ Дзæуджыхъæумæ фæндагыл фæцæйцыдысты Æрыдонмæ хæстæг патрулон машинæимæ æндæр хæдтулгæ баиу ис. Йæ шофыр пъæлицайæгтæй куырдта бауромын. Æцæгæйдæр сывæллоны æнæниздзинад уыд тæссаг уавæры. Бæрæг уыди, фыддæр кæй кæны, уый. Фæстиат кæнæн нæ уыд. Пъæлицæйæгтæ Сæрмæты патрулон машинæйы сбадын кодтой, æмæ сæрмагонд маяктæ æмæ сигналимæ атагъд кодтой рынчындонмæ. Сæрмæты фыд Батраз æмæ йæ баба Геннадийæн, уыцы бон æрымысгæйæ, сæ зæрдæ йæхи къултыл ныххойы. Фыдбылыз æрцæудзæн, уый æнхъæл нæ уыдысты. Лæппу тренировкæты фæстæ хæдзармæ цæугæйæ йæхицæн алхæдта гуыл. Уый йын нæ фæбæззыд. Фæндагон-патрулон службæйы инспекцийы минæвæртты сæрæндзинады фæрцы лæппуйы фæхæццæ кодтой сывæллæтты рынчындоны реанимацимæ. Дохтыртæ цæсты фæныкъуылдмæ Сæрмæты уæлхъус æрбалæууыдысты. Дохтыртæ йын уайтагъддæр хъæугæ æххуыс бакодтой. Ныр лæппуйы æнæниздзинад зæрдæхсаинаг нал у. Ныр Мамиаты Сæрмæт йæ фыд æмæ йæ бабаимæ æрбацыд йæ ирвæзынгæнджытæ Авет Османовæн, Мысыккаты Мурат æмæ Æгайты Маратæн иу хатт ма бузныг зæгъынмæ. Ацы лæппуты фæрцы фыдбылызæй аирвæзтысты. Пъæлицæйæгтæ та сæхæдæг æфсæрмыгæнæгæйæ зæгъынц, афтæ алчидæр бакодтаид, зæгъгæ. Уымæн æмæ сывæллоны æнæниздзинадæй сæйрагдæр ницы ис. Уæдæ сæ цæсгæмттыл мидбылхудт уынын та у царды сæйраг нысан. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv