Дзæуджыхъæуы сараздзысты Ног азы бæрæгбонимæ баст 40 фæзуаты
Цины æнкъарæнтæ цæрджытæн æмæ уазджытæн лæвар кæныны нысанимæ. Дзæуджыхъæуы сараздзысты Ног азы бæрæгбонимæ баст 40 фæзуаты. Горæт аив кæнгæйæ спайда кæндзысты фароны инсталяцитæй æмæ декорацитæй, хъусын кӕнынц Дзæуджыхъæуы администрацийæ. Ацы фæлладуадзæн бонты бацархайдзысты рухсгæнæн конструкциты монтажыл. Бæрæгбоны сæйгар символтæ - зазбæлæстæ. Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты 15 аивгонд бæласы. Æрвылазы бынæттæм ма быфтдзæн. Ныр саив кæндзысты Китайаг фæз, стæй Павленкойы номыл уынг. Ног азы бæрæгбонымæ баст фæзуæттæ фæзындзæн Южныйы æмæ Заводы поселокты дæр. Уымæй уæлдай ма саив кæндзысты Вахтанговы Аллейы цур фистæгæй цæуджыты хидмæ 'ввахс фæзуат дæр.