Заууат уæлмæрдтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Ныр цалдæр азы Алагиры цæрджыты тыхсын кæны уæлмæрдты уавæр. Кæд 5 сты, уæддæр сæ иуы дæр уæгъд зæхх нæй. Цæстдарæг организацимæ та йæм базилынмæ дæр æхца нæй. Цæрджытæ фæдисы хъæр кæнынц, дарддæр цы æмæ куыд кæной, уый нæ зонынц. Семæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, сбæрæг кодта уæлмæрдты уавæр. Ацы уæлмæрд 4 азы размæ байгом кодтой. Йæ фæзуат 20 га у . Кæй бæрны ис, уыцы организацийы хицауы ныхæстæм гæсгæ, зиан бавæрынæн æхца нæ исынц, зæхх лæвар дæттынц. Фæлæ сæм сæ бон зилын нæу. Организацимæ æхца нæй. Æфтæмæй бирæ ингæнтæ хæмпæлгæрдæджы бын фæсты, къутæртæ цыртытæй фæбæрзонддæр сты. Æнæмæнг сæ хъæуы æфснайæн техникæ, уæзласæн машинæтæ, экскаватортæ. Муниципалон куыстуат «Ритуал»-ы хицау Толпарты Аслæнбег: «Фæнды мæ ме мзæххонтæм фæсидын. Республикæйы, районы, Алагиры, иннæ регионты чи цæры, уыдонмæ - кæд искæмæн йæ бон у, уæд нын баххуыс кæнут. Чи нал ис, уыдон дæр тæригъæд сты. Сæ фæстæ чи баззад, уыдонæй та худинаг. Хъыгагæн, нæхи хъарутæй нæ аххæсдзыстæм». Алагиры администрацийы сæвзæрд уавæр æмбарын кæнынц афтæ - муниципалон куыстуат «Ритуал» дæр уымæн байгом кодтой, цæмæй сæ бон уа æппæт фарстатæ алыг кæнын. Горæты бюджетæй сын цы фæрæзтæ радих кæнынц, уыдон бирæйы фаг не сты. Алагиры администрацийы сæргълæууæг Гокъонаты Алексей:  «Фæнды нæ куыстуатæн баххуыс кæнын. Нæ зæрды ис алыхуызон куыстуæттæм фæсидын, цæмæй нæм фæкæсой, уый тыххæй. Уæлмæрдтæ заууаты кæй сты. уымæ гæсгæ дзы техникæ дæр бирæ хъæуы. Кæмæ бахатыдыстæм, уыдон иууылдæр сразы сты. Фæлæ уæддæр цавæрдæн хæрдзтæн фаг фæрæзтæ нæй. Фидæн аз та бацархайдзыстæм уавæр сраст кæныныл æмæ бюждетæй фылдæр æхца радих кæнын». Горæты администрацийы сæргълæууæг нын куыд радзырдта, афтæмæй цæрджытæ арæх саразынц зиутæ. Уæлмæрдтæ бафснайынц. Фæлæ уый фаг нæу. Кæдмæ ахæм уавæры уыдзысты, уымæн бæлвырд дзуапп радтын никæй бон у. Уæдмæ та уал адæм сæ æдзард хæстæджыты ингæнтæм тæрсгæ-ризгæйæ цæуынц æмæ куыддæрты иу-гыццыл уæддæр бафснайынц сæ ингæнтæ. Йæ ныфс чи нæ хæссы, уыдоны хиуæтты кæм бавæрдтой, кæнæ йæ фæстæ кæмæн ничиуал ис, уыдоны зæххы хæйттæ та зайæгойты бын фесты. Дарддæр афтæ куы ахæсса, уæд Алагиры уæлмæрдтæ хъæдтæ фестдзысты. Кæд мыййаг исчи ахæм хуызы цъæх фæлысты нымæц парахат кæны? _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Заууат уæлмæрдтæ

Категория:

Новости и СМИ