Бирæ нал баззад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Гæдиаты Цомахъы уынджы фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ цалдæр боны фæстæ фæуыдзысты. Ныридæгæн уал æй асфальты фыццаг цъарæй бамбæрзтой, къæвда дондзæуæн системæ сног кодтой, люктæ хъæугæ æмвæзадмæ систой. Хъæуы ма йæ дыккаг цъарæй бамбæрзын æмæ ныффидар кæнын фæндаггон нысаниуджытæ. Дзæуджыхъæуы администрайы куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ цæуынц фæткмæ гæсгæ æмæ дзы ницы хъæндзинæдтæ ис. Хорз боныхъæд куы ахæсса, уæд цыбыр рæстæгмæ уынгыл фæндаггон змæлд сног уыдзæн. Дзæуджыхъæуы фæндæгты фонды директор Дзуццаты Тимур куыд зæгъы, афтæмæй горæты цæрджытæ сæ азымджын кæй кæнынц, уый раст нæу. Кусджытæ архайынц алы бон дæр – улæфæн бонты æмæ ма бæрæгбæтты дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цалдæр боны размæ социалон хызты Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сабухтой Гæдиайы фырты номыл уынджы фæдаг раст кæй нæ аразынц, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бирæ нал баззад

Категория:

Новости и СМИ