Дзанайты Барис амыдта регионы коммуналон куыстуæтты финансон æмæ хæдзарадон куысты фæдыл æмбырд
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис сарæзта æмбырд регионы коммуналон комплексы уагдæтты финансон æмæ хæдзарадон куысты фарстатыл. Ныхас цыд энергон тыхы фиддонтæ æххæст кæныны фæтк æмæ бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæгыл. Премьер фæсидти хицауады уæнгтæ æмæ районты разамонджытæм, цæмæй фиддонты фæткмæ уæлдай æргом здахой ӕмӕ хæстæ ма 'мбырд кæнын ма уадзой. Ацы азы дæс мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ газы фиддонты бæрц уыд 100 проценты онг. Фæлæ, æмбырды уæнгтæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ноябры фæкъаддæр сты. Электрон тыхы фиддонтæ сты зæрдæхсаинаг уавæры. Хæсты фылдæр хай сты республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады куыстуæтты. Дзанайты Барис бахæс кодта Дзæуджыхъæуы администраци æмæ районты сæргълæуджытæн фарстайыл бакусын. Æрныхас ма кодтой бындурон цалцæджы фиддонты фæткыл дæр. 2018 азимæ абаргæйæ, уавæр зынгæ фæхуыздæр. Кæд 3 азы размæ фиддонтæ уыдысты 80 милуан сомы, уæд ацы аз та систы 200 милуанæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv