Уæрæсейы цæрджытæ ноябры улæфдзысты æртæ боны
Уæрæсейы фæллойы министрад адæмæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта фæлладуадзæн бонты тыххæй. Уæрæсейы цæрджытæ ноябры улæфдзысты æртæ боны, 2-æм, 3-æм æмæ 4-æм ноябры. Афтæмæй ноябры дыккаг кусæн къуыри уыдзæн 4 боны. Уый баст у Уæрæсейы адæмы иудзинады Бон кæй бæрæг кæндзысты, уыимæ. Бæрæгбон сфидар кодтой 2005 азы. Ис ын фидар уидæгтæ. 1612-æм азы Кузьма Минин æмæ Дмитрий Пожарский баиу кодтой адæмы тыхтæ æмæ фæуæлахиз сты польшæйаг интервенттыл. Иннæ фæлладуадзæн бонтæ уыдзысты Ног азы, 1-æм январæй 8-æм январмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы цæрджытæ ноябры улæфдзысты æртæ боны
Категория:
Новости и СМИ