Дзанайты Барисы разамындæй ацыд республикæйы хицауады æмбырд
Республикæйы хицауады æмбырд райдыдта кадрты ивддзинæдтæй. Афтæмæй, Хетæгты Фатимæ нысангонд æрцыд республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министры фыццаг хæдивæгæй. Уымæй уæлдай ма хицауады уæнгтæ æрдзырдтой республикæйы æхсæнадон транспорт æмæ промышленносты паддзахадон программæты райрæзтыл. Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй æхсæнадон трансаорты лæггæдты хæрзхъæддзинад у зæрдæхсаинаг. Къабазмæ хъæуы уæлдай æргом аздахын. Хицауады уæнгтæ ма фæнысан кодтой æрдзон фыдбылызтæй цæрджыты бахъахъхъæнынæн арæзт мадзæлттæ. Дзуапдæттæг ведомствойæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй сты цæттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv